![]() Нӕхи Къоста |
«Нӕхи Къоста»
Кӕфты мӕйы фынддӕсӕм боны Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуаны уагъд ӕрцыд мадзал «Нӕхи Къоста» Ирыстоны зынгӕ поэты райгуырдыл 161 кӕй сӕххӕст, уый цытӕн. Хайад дзы райстой нывкӕныны къорды ӕмӕ зарӕджы къорд «Айзӕлды» хъомылгӕнинӕгтӕ. Сывӕллӕттӕ скодтой нывтӕКъостайы уацмыстӕм гӕсгӕ. Зарыны къорд азарыдысты зарджытӕ сӕ уарзон поэтыл. Мадзалы арӕзт ӕрцыд Къостайӕн йӕхи конд нывтӕй равдыст. Ацы изӕрмӕхуынд ӕрцыдысты сывӕллӕтты ныййарджытӕ ӕмӕ Галуаны иннӕкъордты минӕвӕрдтӕ сӕ ахуыргӕнджытимӕ. Сывӕллӕттӕ бацӕттӕ кодтой Хъотайты Салима, Хъошыты Нинель ӕмӕ Дзигойты Марина. Ныййарджытӕ ӕмӕ ӕрыгон кӕсджытӕ баззадысты тынг райгондӕй бацӕттӕгонд мадзалӕй.
Опубликованно: 22-01-2021, 03:20 |
|