Нафиимӕ фембӕлд

Нафи ӕрдзырдта ирон ӕвзаджы райрӕзтӕн абон цы мадзӕлттӕ ист цӕуынц, уыдоныл. Фидарӕй загъта, ирон адӕймаг иронау куыннӕ зона,уӕд уый ирон схонӕн, кӕй нӕй. «Ирон лӕг йе᾿гъдау ӕмӕ йе᾿взагӕй лӕг у» — загъта Нафи. Базонгӕ сӕ кодта ирон ӕвзаджы дзырдты равзӕрдимӕ. Дзуапп лӕвӕрдта хайадисджыты сӕвзӕргӕ фарстатӕн. Радзырдта цалдӕр цауы йӕ цардӕй. Фембӕлд рауад ирд ӕмӕ цымыдисон. Бирӕ хорз ӕнкъарӕнтӕ сӕвзвӕрын кодта хъусджытӕм.
Галуаны директор Джиоты А.К.бузныджы ныхӕстӕ загъта Нафийӕн, рӕстӕг кӕй ссардта ӕмӕ кӕй рбауазӕг Галуанмӕ. Кӕронбӕттӕны Джусойты Нафийӕн Сывӕллӕтты Сфӕлдыстады Галуаны коллектив зӕрдылдарӕн лӕвар бакодта, сӕ хикъухӕй хуыд басыллыхъхъ.