Зарегистрироваться
Войти на сайт

Наши Видеоматериалы

Курочка ряба

Курочка ряба

ДДТ - 65!

ДДТ - 65!

Дворец в моей судьбе.

Дворец в моей судьбе.

Золушка

Золушка

остальные видеоматериалы...

Популярные новости

Календарь

«    Январь 2025    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
2728293031 

Нафиимӕ фембӕлд

Нафиимӕ фембӕлдКуыдӕй зонӕм афтӕмӕй  РХИ – йы 2015 аз расидтӕ уыд Нафийы аз. Уый фӕдыл Галуаны дӕр азы дӕргъы цӕудзысты къордма дзӕлттӕ Нафийы азы номы цытӕн. 3 февралы  Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуаны ахуыргӕнджыты къордӕн фембӕлд  уыд Ирыстон йӕ сӕр бӕрзонд цы гоймӕгтӕй хӕссы,ирон ӕвзаджы райрӕзтыл ӕнувыдӕй чи кусы,ахӕм зынгӕа хуыргӕндтӕй сӕ иу– Джусойты Нафиимӕ. Нафийы ном рагӕй хъуыстгонд у куыд Ирыстоны, афтӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр.Рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты Галуаны ацы фембӕлдмӕ.

Нафи ӕрдзырдта ирон ӕвзаджы райрӕзтӕн абон цы мадзӕлттӕ ист цӕуынц, уыдоныл. Фидарӕй загъта, ирон адӕймаг иронау куыннӕ зона,уӕд уый ирон схонӕн, кӕй нӕй. «Ирон лӕг йе᾿гъдау ӕмӕ йе᾿взагӕй лӕг у» — загъта Нафи. Базонгӕ сӕ кодта ирон ӕвзаджы дзырдты равзӕрдимӕ. Дзуапп лӕвӕрдта хайадисджыты сӕвзӕргӕ фарстатӕн. Радзырдта цалдӕр цауы йӕ  цардӕй. Фембӕлд рауад ирд ӕмӕ цымыдисон. Бирӕ хорз ӕнкъарӕнтӕ сӕвзвӕрын кодта хъусджытӕм.

Галуаны директор Джиоты А.К.бузныджы ныхӕстӕ загъта Нафийӕн, рӕстӕг кӕй ссардта ӕмӕ кӕй рбауазӕг Галуанмӕ. Кӕронбӕттӕны Джусойты Нафийӕн Сывӕллӕтты Сфӕлдыстады Галуаны коллектив зӕрдылдарӕн лӕвар бакодта, сӕ  хикъухӕй хуыд басыллыхъхъ.