Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уагъд æрцыд зонадон конференци
2019 азы, зæрдæвæрæны мæйы, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уагъд æрцыд зонадон конференци, æвзаг зонады дæсны, профессор Битарти Зояйы сфæлдыстадмæ гæсгæ.
Зоя Алыксандыры чызг у Галуаны æнувыд хæлар. Ацы хатт зонадон куыстытæ бацæттæ кодтой галуаны кусджытæ: Гæззаты Ф. С., Дзигойты М.Д., Битеты М.Ч., Харебаты С.Г. æмæДжиоты И.В.
Битаронæн ма æрцыд лæвар Галуаны майдан, сахат Галуаны эмблемæимæ æмæ фотоальбом, цы ран æмбырдгонд æрцыдысты Зоя Алыксандыры чызджы къамтæ.
Мадзалмæ хуынд æрцыдысты сывæллæтты рæвдауæндæтты сæргълæуджытæ æмæ хъомылгæнджытæ, стæй мА нæ горæты æмæ районты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ дæр.
Конференци ацыд хорз æмвæзадыл. Зонадон докладты темæтæ уыдысты цымыдисон.
Кæронбæттæны галуаны кусджытæ бахъæлдзæг кодтой уазджыты музыкалон ралæудтæй.
Фæндыры æмæ гуымсæджы цæгъдыны дæснытæ ацагътой æхцон ирон мелодитæ. Афтæ ма уыд зарæджы премьерæ дæр. Сæрмагондæй Битарти Зояйыл æрцыд фыст зарæг «Ирон сылгоймаг», зарæджы автортæ сты галуаны кусджытæ.Ныхæстæ Джиоты Илонæйы, музыкæ Дзигойты Маринæйы. Сæххæст æй кодтой автор æмæ йæ раздæры хъомылгæнинаг Уалыты Кристина. Зарæгæн стыр аргъ скодтой уазджытæ сæ зæрдиаг æмдзæгъдæй. Уый фæстæ уазджытæ æмæ конференцийы хайадисджытæ айстой иумæзæрдыл дарынæн къамтæ.