Зарегистрироваться
Войти на сайт

Наши Видеоматериалы

Курочка ряба

Курочка ряба

ДДТ - 65!

ДДТ - 65!

Дворец в моей судьбе.

Дворец в моей судьбе.

Золушка

Золушка

остальные видеоматериалы...

Популярные новости

Календарь

«    Ноябрь 2023    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
27282930 

Зонды къуыбар

РХИ-ы иумӕйагахуырадон скъолаты 8 къласы ахуыргӕнинӕгтӕн Республикон интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар» -ы тыххӕй УАГӔВӔРД

 

Скачать:
uagaevaerd-zondy-kuybar.pdf [179,46 Kb] (cкачиваний: 37)
 

Интеллектуалон хъазт у, ахуырадон хъомылады организацийы процессы нырыккон уавӕрты райрӕзты формӕтӕй иу. Хъазт «Зонды къуыбар» ӕппӕт бӕрцӕй ӕмбӕлон у ахуыргӕнинӕгты интеллекты райрӕзтӕн. Уый йӕ архайд иумӕйаг аразы скъолайы райрӕзты сӕйрагдӕр здӕхтытӕм гӕсгӕ. Хъазты нысан - ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн ахсджиаг мадзал цырынгӕнӕн, ахуырмӕ, архайдмӕ сӕ разӕнгард кӕны, ӕфтауы сӕ архайдыл сӕрибар рӕстӕджы.

1. Иумӕйаг уагӕвӕрдтӕ

1.1. Ацы уагӕвӕрд (дарддӕр-Уагӕвӕрд) бӕрӕг кӕны Республикон хъазт «Зонды къуыбар»-ы организаци ӕмӕ ауадзыны фӕтк РХИ иумӕйаг ахуырадон скъолатӕн 8-ӕм къласы ахуыргӕнинӕгтӕн.

1.2. Уагӕвӕрд ӕвдисы организацион ӕмӕ методикон хъазты ифтонгад, иумӕйаг ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты архайды уаг.

1.3. Уагӕвӕрд бӕлвырд кӕны уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты сбӕрӕг кӕныны фӕтк.

2. Хъазты сӕйраг нысан

2.1. Интеллектуалон ӕмӕ мононон потенциалы райрӕзт ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн.

2.2. Бӕлвырд системӕ курдиатджын ахуырдзауты сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ равзӕрстӕн.

2.3.Ахуырдзауты бӕрзонд ахуырадон домӕнтӕ ирон ӕвзаджы, литературӕйы, бӕстӕзонынады, культурӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты сбӕрӕг кӕнын.

3. Хъазты сӕйрагдӕр хӕслӕвӕрдтӕ.

3.1. Ахуырдзауты интеллектуалон ӕмӕ хӕрзвӕткон-онгзмӕлдон райрӕзтӕн саразын иууыл бӕрзонддӕр хӕрзвадӕттӕ.

3.2. Курдиатджын ахуырдзауты сфӕлдыстадон архайдмӕ цырын кӕнын.

3.3. Ирон ӕвзаджы, литературӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты, историйы, бӕстӕзонынады, культурӕйы ахуыргӕнинӕгты зонӕнтӕ ӕмӕ дунеӕмбарынад рауӕрӕх кӕнын.

4. Мидис ӕмӕ архайды бындурон здӕхтытӕ.

Интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар» -ы архайды организаци ӕххӕст цӕуы ахӕм здӕхтыты:

4.1. Ирон ӕвзаг.
4.2. Ирон литературӕ.
4.3. Ирыстоны истори ӕмӕ бӕстӕзонынад.
4.4. Ирон адӕмы культурӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.
5. Хъазт «Зонды къуыбар»-ы разамынд ӕмӕ методикон ифтонгад.

5.1. Организацийы иумӕйаг къухдариуӕгадӕй, хъазт «Зонды къуыбар », Ахуырад ӕмӕ зонӕдты министрады фӕдзӕхстӕй ӕххӕст кӕны АУӕА ПАУа «Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуан», номхуындӕй та:

  • бӕрӕг кӕны хъазт уадзыны бынат, фӕтк ӕмӕ ӕмгъуыд;

  • фидар кӕны оргкомитет ӕмӕ жюрийы сконд;

  • хъазты хатдзӕгтӕ иумӕйаг кӕны;

  • кусы хъазт фӕткыл ауадзыныл;

  • рӕстӕгыл хъусын кӕны ахуырадон уагдӕттӕн хъазты хатдзӕгты тыххӕй;

  • аргъ кӕны алы хъазтӕн дӕр;

  • хатдзӕг саразы

    5.2. РХИ-ы районты ӕмӕ Цхинвалы администрацийы хайӕдтӕ, ахуырадон уагдӕтты къухдариуӕггӕнджытӕ аразынц фадӕттӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кӕнынæн ӕмӕ хайад райсынӕн интеллектуалон хъазты.

    6. Хъазты материалон-техникон ифтонгад.

    6.1. Галуаны библиотекӕ ӕмӕ методикон кабинеты комлекткӕнынад ахуырадон-методикон, психолого-педагогикон литературӕйӕ хъазт «Зонды къуыбар»-ы фӕдыл.

    6.2. Хъазты ифтонгад ӕнӕмӕнг хъӕуӕг техникон фӕрӕзтӕй.

    6.3. Хъазт «Зонды къуыбар»-ы компьютеризаци, курдиатджын ахуырдзауты бӕрӕггӕнӕнтимӕ банк саразыны тыххӕй.

6.4. Спонсорон финансон системӕйӕн формӕ раттын, курдиатджын ахуырдзауты, ӕппӕты хуыздӕр фӕстиуджытимӕ хъазт «Зонды къуыбар»-ы, материалон ӕгъдауӕй разӕнгард кӕнынӕн.

7. Хъазты этаптӕ.

7.1. Ӕвзарæн тур:республикӕйы скъолатӕй 8-ӕм кълӕсты ахуыргæнинæгтӕй хъазын кæй фæнды, уыдонæн бар ис хайад райсын интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар»-ы. 1-аг турмӕ хизынц хайадисджытаей фылдӕр хуры тынтæ чи райта, уыдон. Ахӕм фӕткыл уагъд цӕуынц 1-аг ӕмӕ 2-аг туры хъӕзтытӕ.

7.2. 2-аг туры хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ бӕрӕг кӕнынц 24 финалисты.

7.3. Финалы хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст цӕуы 4 уӕлахиздзауы, кӕцытӕн лӕвӕрд цӕуы титул «Зонды къуыбар».

7.4. 24 финалисты суыдзысты Æвзонг Академийы уæнгтæ Уанеты Захары номыл ПБЗУ-йы бындурыл.

ЭКСПЕРИМЕНТАЛОН ИНТЕЛЛЕКТУАЛОН ХЪАЗТ «ЗОНДЫ КЪУЫБАР»4 КЪЛАСЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔН

УАГӔВӔРД

Хъазты хӕс: Интеллектуалон хъазт у, ахуырадон хъомылады организацийы процессы нырыккон уавӕрты райрӕзты формӕтӕй иу. Хъазт «Зонды къуыбар» ӕппӕт бӕрцӕй ӕмбӕлон у ахуыргӕнинӕгты интеллекты райрӕзтӕн. Уый йӕ архайд иумӕйаг аразы скъолайы райрӕзты сӕйрагдӕр здӕхтытӕм гӕсгӕ.

1. Иумӕйаг уагӕвӕрдтӕ

1.1. Ацы уагӕвӕрд (дарддӕр-Уагӕвӕрд) бӕрӕг кӕны хъазт «Зонды къуыбар»-ы организаци ӕмӕ ауадзыны фӕтк РХИ иумӕйаг ахуырадон скъолатӕн 4-ӕм къласы ахуыргӕнинӕгтӕн.

1.2. Уагӕвӕрд ӕвдисы организацион ӕмӕ методикон хъазты ифтонгад, иумӕйаг ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты архайды уаг.

1.3. Уагӕвӕрд бӕлвырд кӕны уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты сбӕрӕг кӕныны фӕтк.

2. Хъазты сӕйраг нысан

2.1.Хъазты нысан - ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн ахсджиаг мадзал цырын кӕнын, ахуырмӕ, архайдмӕ сӕ разӕнгард кӕнын.

2.2. Бӕлвырд системӕ курдиатджын ахуырдзауты сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ равзӕрстӕн.

2.3.Ахуырдзауты бӕрзонд ахуырадон домӕнтӕ ирон ӕвзаджы, литературӕйы, культурӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты сбӕрӕг кӕнын.

3. Мидис ӕмӕ архайды бындурон здӕхтытӕ

3.1. Ирон ӕвзаг.
3.2. Ирон литературӕ.
3.3. Ирон фольклор.
3.4. Ирон адӕмы культурӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.3.5. Ӕмдзӕвгӕтӕ (аив кӕсын).

4. Интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар»-ы организатор

4.1. Хъазты организаци ӕмӕ къухдариуӕгад ӕххӕст кӕны ПАУа «Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуан»

  • фидар кӕны оргкомитет ӕмӕ жюрийы сконд;

  • хъазты хатдзӕгтӕ иумӕйаг кӕны;

  • кусы хъазт фӕткыл ауадзыныл;

  • рӕстӕгыл хъусын кӕны ахуырадон уагдӕттӕн хъазты хатдзӕгты тыххӕй;

  • аргъ кӕны алы хъазтӕн дӕр;

  • хаттдзӕг саразы

    5. Хъазты методикон-материалон-техникон ифтонгад.

    5.1. Галуаны библиотекӕ ӕмӕ методикон кабинеты комлекткӕнынад ахуырадон-методикон, психолого-педагогикон литературӕйӕ хъазт «Зонды къуыбар»-ы фӕдыл.

    5.2. Хъазты ифтонгад ӕнӕмӕнг хъӕуӕг техникон фӕрӕзтӕй.

    5.3. Хъазт «Зонды къуыбар»-ы компьютеризаци, курдиатджын ахуырдзауты бӕрӕггӕнӕнтимӕ банк саразыны тыххӕй.

    5.4. Спонсорон финансон системӕйӕн формӕ раттын, курдиатджын ахуырдзауты, ӕппӕты хуыздӕр фӕстиуджытимӕ хъазт «Зонды къуыбар»-ы,материалон ӕгъдауӕй разӕнгард кӕнынӕн.

    6. Хъазты этаптӕ.

    6.1. 1 туры архайынц с. Цхинвалы иумыйагахуырадон скъолаты 4-ӕм кълӕсты ахуыргæнинæгтӕй хъазын кæй фæнды, уыдон.

    6.2. 2-аг турмӕ хизынц хайадисджытаей фылдӕр хуры тынтæ чи райса, уыдон. Ахӕм фӕткыл уагъд цӕуынц 2-аг ӕмӕ 3-аг туры хъӕзтытӕ.

    6.3. 3-аг туры хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ бӕрӕг кӕнынц 24 финалисты.

    6.4. Финалы хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст цӕуы 4 уӕлахиздзауы, кӕцытӕн лӕвӕрд цӕуы титул «Зонды къуыбар».


скачать dle 10.6фильмы бесплатно
вернуться назад версия для печати зарегистрироваться

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
вернуться назад вернуться на главную