Зонды къуыбар
Интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар» у ахуыр-хъомыладон куысты нырыккон уавӕрты райрӕзты формӕтӕй сӕ иу.
Республикӕйы эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ хъазт урӕд ӕрцыд октябыры мӕйы. Уавӕр куы фӕхуыздӕр, уӕд та кусын райдыдтой Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон Галуаны алыхуызон кружоктӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ.
27 январы Галуаны уагъд ӕрцыд «Зонды къуыбары» фӕлварӕн хъазт. Хайад дзы райстой 2-ӕм скъолайы 4-ӕм къласты ахуырдзаутӕ.
Сывӕллӕттӕ стыр цымыдисӕй ӕххӕст кодтой тестон хӕслӕвӕрдтӕ рацӕугӕ ӕрмӕгӕй.