Зонды къуыбар
Зонды къуыбар
Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты свӕлдыстадон Галуан рӕдауӕй йӕ дыуӕрттӕ бакодта сывӕллӕттӕн. Нӕ горӕты скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ ам архайынц алывӕрсыг интеллектуалон хъӕзтыты. Райдыдтой та «Зонды къуыбары» фӕлварон туры хъӕзтытӕ. Хъазт сывӕллӕттӕн ӕвзарын кӕны стыр цымыдис ӕмӕ тырнындзинад сӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ирон адӕмы истори ахуыркӕнынмӕ. Цхинвалы 6-ӕм скъолайы 4-ӕм кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ систы йӕ фыццаг хайадисджытӕ.